Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты… УæддæрДыууадæс дзырды се ‘ ппæтæй хуыздæр.Лæууы сæ сæргъы фарны дзырдтæн ЦАРД.Йæ фидауц уымæн – арвы стъæлфæн - АРТ.Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД,Цæуы йæ армæй адæмыл БÆРКАД.Нæ дзыллæйæн йæ рухсдæр бæллиц – ФАРН.Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин – ÆФСАРМ.Сыгъдæг удæн йæ мæты сæр – ХÆЛАР.Ыскæны мах Хуыцауы ‘ мсæр ÆХСАР.Лæджы нысан – СÆРИБАР æмæ КАД.Сæ сæрвæлтау хъæуы хæцынæн КАРД.Æппæт хæрзтæн ИРЫСТОН у бындур, -Æнæ уый мæн нæ тавдзæни сæ хур.Джыккайты Шамил
Разместить материал
сразу